Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахыстысты егъау ахуыртæм
Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахыстысты егъау ахуыртæм. Сæйраг хæслæвæрдмæ гæсгæ, сараздзысты марш Стъараполмæ. Ахуыртæ ахæсдзысты иу къуыри. Æдппæтæй дзы архайы 2 мин сгарæгæй фылдæр. Пайда кæнынц 250 æфсæддон техникæйæ фылдæр. Сгарджытæ нысангонд æмгъуыдмæ æххæст кæндзысты тактикон æмæ сæрмагонд цæттæдзинады тыххæй хæслæвæрдтæ. Ахуырты рæстæг спайда кæндзысты имитацитæй, æнæифтыгъд хæстæрмæджытæй, мæнг ныхмæлæуджытæ та уыдзысты бригады æфсæддон службæгæнджытæ. Сæйраг къæпхæнмæ куы рахизой, уæд æфсæддонтæ æхсæвыгон авиацийы цыппæрæм æфсады вертолетты фæрцы хъуамæ сæххæст кæной сæрмагонд хæслæвæрдтæ - равдисдзысты тохы архайыны фæлтæрддзинад мæнг ныхмæллæууæджы ныхмæ, уыимæ ма скæндзысты цæстдарæг посттæ, ныббырстытæ æмæ разыбадæнтæ. Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахыстысты егъау ахуыртæм. Сæйраг хæслæвæрдмæ гæсгæ, сараздзысты марш Стъараполмæ. Æдæппæтæй дзы архайы 2 мин сгарæгæй фылдæр. Ахуыртæ ахæсдзысты къуырийы дæргъы. Уый тыххæй дыццæджы журналисттæн фехъусын кодтой окруджы пресс-службæйы. Ис дзы 250 æфсæддон техникæйæ фылдæр. Сгарджытæ къуырийы дæргъы æххæст кæндзысты тактикон æмæ сæрмагонд цæттæдзинады тыххæй хæслæвæрдтæ. Ахуырты рæстæг спайда кæндзысты имитацитæй, æнæифтыгъд хæстæрмæджытæй, дзырдæй ныхмæлæууæджы ролы та ахъаздзысты бригады æфсæддон с.ужбæгæнджытæ. Сæйрагдæр этапы æфсæддон службæгæнджытæ æхсæвыгон вертолетты фæрцы æфсæддон авиацийы цыппæрæм æфсады сæххæст кæндзысты хæслæвæрдтæ, тохы архайыны фæлтæрддзинад равдисдзысты дзырдон ныхмæллæууæджы ныхмæ, скæндзысты цæстдарæг посттæ, ныббырстытæ æмæ разыбадæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахыстысты егъау ахуыртæм
Категория:
Новости и СМИ