Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон
8-æм июлы Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон. Бæрæгбоны фæдыл Цæгат Ирыстоны цæрджытæн раарфæ кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг фæнысан кодта, ацы бæрæгбон нæ бæстæйы цæрджытæ хъæрмуд æнкъарæнтимæ кæй бæрæг кæнынц, бындурон хæзнатæн аргъ кæнгæйæ. Æппæт адæмтæн дæр фæлтæрæй фæлтæрмæ бинонтæ æмæ фыдыуæзæг сты тыхдæттæг бынат. Нæ республикæйы та уæлдай ахсджиаг сты бинонты 'хсæн æкъарæнтæ æмæ ахастдзинæдтæ: хистæртæн кад кæнын, уæлдай æргом сывæллæтты хъомыладмæ здахын, кæрæдзийæн ныфсы хос уæвын. Цæгат Ирыстоны ис 13 мин бирæсывæллонджын бинонтæй фылдæр, сæдæгай бинонтæ, "сызгъæрин" æмæ "æвзист" юбилейтæ чи сбæрæг кодта, ахæмтæ. Уыдон сæ кæрæдзимæ æгъдау æмæ уарзондзинад рахастой азты сæрты æмæ йæ хæццæ кæнынц сæ кæстæртæм. Ахсджиаг та ма уый у, æмæ фæсивæдæн ис раст æмæ фæзминаг дæнцæгтæ.