Цæгат Ирыстоны райдыдта Уастырджимæ кувæн къуыри

Нывондагæн армы дзаг цæхх адарын, чи ма дзы аззайы, уый та йыл айзæрдын. Ацы æгъдау рагон у æмæ йын стыр нысаниуæг ис. Кусæрттаг ахæм хуызы нæ фыдæлтæ хъахъхъæдтой æддагон тыхтæй. Ома, йæм цæмæй æнæзæгъинæгтæ хæстæг ма цæуой, зæгъгæ. Нывондагмæ ма-иу бадардтой зынг дæр. Ахæм лыстæгдзинæдтæ Дадьенаты Артурæн хорз зонгæ сты. Нæ фыдæлты æгъдæуттæ хъахъхъæнын æм ахсджиаг хæс кæсы. Галæргæвдæнты Дадьянаты хæдзары æрбамбырд сты æппæт сыхæй. Кусарт акæныны размæ æнæмæнг хъуыддаг у Хуыцамæ скувын. Хистæртæ дзы фæкурынц, цæмæй сын сæ нывондаг айса, цæмæй адæмы цард амондджын æмæ æнæмаст уа. Уастырджийыл фæфæдзæхсынц кæстæрты. Лæггадгæнджыты 'хсæн — бирæ фæсивæд. Кæстæртæ æхсызгонæй архайынц, уырдыг лæууынц. Уæвгæ, хъæу сæ рæзгæ фæлтæрæй сæрбæрзонд сты. Сæ сывæллонæй фæстæмæ сæ æфтауынц фыдæлтыккон æгъдæуттыл. Æрмæст афтæмæй базондзысты цардывæтк, хæсдзысты сæ хистæрты фарн дарддæр. Фынгыл, куыд æмбæлы, афтæ æртæ чъирийы æмæ бæгæны. Сцæттæ сæ кодтой хæдзары æфсинтæ. Æнæмæнг - сыгъдæг хъуыдытæ æмæ хорз зæрдæйы уагимæ. Фыд - фыртмæ, мад - чызгмæ, æфсин - чындзмæ. Афтæ-иу лæвæрдтой бинонты фарн кæрæдзимæ. Æй къона æнгом кæныныл кæддæриддæр архайдта Дзампаты Зарæ дæр. Æмæ йын бантыст: къæбицы сылгоймæгтæ архайынц æнгом-æмзондæй. Афæдзы дæргъы ирон адæммæ бирæ алыхуызон бæрæгбæттæ вæййы. Сæ кадджындæртæй иу - Уастырджимæ кувæн къуыри. Вæййы фæззæджы, адæм сæ цæхæрадæтты тыллæг куы бафснайынц, сæ куыстытæн кæрон куы скæнынц, уæд. Бæрæгбон райдайы ноябры æртыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбоны фæтк цæуы æнусты сæрты. Æнусты сæрты æрхæццæ йæ сæйраг нысан дæр - кæрæдзиуыл аудын, кæрæдзийæн хорзæхтæ æмæ бæркадæй цæстуарзон уæвын, миддуне сыгъдæгæй дарын. Уæд царды цалхæн бауромæн нæ уыдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
27 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии