29-æм æфсæддон сахары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ кæрты уавæр æмæ хæлд фæндæгтæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

54 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

29-æм æфсæддон сахары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ кæрты уавæр æмæ хæлд фæндæгтæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

54 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

54 просмотра

3 года назад

Кæртыты нæй рухсдæттæн системæ ӕмӕ æрбадæн бынæттæ. Фæндæгтæ сты пырхытæ, дзыхъыты сæрты нӕй ацæуӕн нӕдӕр хæдтулгæйыл, нæдӕр фистæгæй. Дзæуджыхъæуы 29-æм æфсæддон сахар кæй конынц, уыцы микрорайоны цæрджытæ ныр бирæ азты тыхсынц сæ уавæртæй. Сæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой бæрнон куыстуæттæм. Ныр фарстамæ се 'ргом аздæхтой Адæмон фронты уæнгтæ. Уавæр хорзæрдæм ивын райдыдта. Æмæ ахæм æнкъарæнтæ, зæгъæн ис æмæ, сӕвзӕры æппæт цæрджытæм дæр. Дæс азæй фылдæр сæхи тыхтæй архайынц дзыхъхъытæ бампъузын, фæлæ ахæм цалцæг бирæйы фаг нæу. Дуканигæстæ хъаст кæнынц, шофырæн та товары аргъ йæхи фидинаг фæвæййы. Фæлæ адæмы канд фæндæгты уавæр нæ тыхсын кæны. Ам рухс дæр алы ран нæй. Уæвгæ, базилинаг сты æппæт кæртытæ дӕр. Бырондон дзы не ссардзынæ, хауæццæгты обæуттæ та — бирæ. Цæрджытæн изæрыгон сæ бон нæу дуармæ абадын, цы бандæттæ ис, уыдоныл цæуы æнусы æмбис. Цæрджытæ æххуысмæ фыццаг аз нæ сидынц. Адæмон фронты руаджы 2021-æм азы хъахъхъæнынады министрады бæрнæй æфсæддон сахар радтой горæты администрацимæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» проектмæ гæсгæ ам саив кодтой дыууæ кæрты. Баивтой асфальт, сывæрдтой бордюртæ æмæ рухсы цæджындзтæ. Бынатмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы цъæхфæлыстмæ зилыны управленийы минæвæрттæ дæр. Дзуапдæттæг специалист зæрдæ бавæрдта, къæпхæнгай æппæт кæртытæм дæр кæй базилдзысты, уымæй. Адæмон фронт фарстамæ цæст дардзæн. Кæртыты фæзуæтты мониторинг та активисттæ кæнынц æппынæдзух дæр. Калоты Дзерассæ

, чтобы оставлять комментарии