Бархионтæн ног фадæттæ
Ирыстойнаг бархионтæн фæзынд хорз фадат æмæ дзы спайда кæндзысты. Апрелы мæй Дагестаны арæзт уыдзæн Европæйы турнир уæгъдибархъæбысхæстæй. Бархи кусджытæ араст уыдзысты уырдæм дыууæ къуыримæ. Уый тыххæй фехъусын кодта фæсивæдимæ фембæлды рæстæг паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур. Æдæппæтæй нæ республикæйæ ерыстæм ацæудзæн 26 адæймаджы. Дыууæ къуырийы фæсивæд æххæст кæндзысты алыхуызон хæслæвæрдтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд азы февралы мæй, Уæрæсейы спорты федераци Дагестаны хъæппæрисмæ йе `ргом кæй аздæхта, уый. Бæрзонд æмвæзады ерыстæ Дагестаны кæй уыдзысты, уый у тынг ахсджиаг æппæт Цæгат Кавказæн дæр. Ахæм турнир нæ бæстæйы цыд дыууæ хатты – 1976-æм азы Ленинграды æмæ 2006 -æм азы Мæскуыйы. Спортивон мадзал райдайдзæн 22 апрелы æмæ адæргъвæтин уыдзæн 5 маймæ. «Спорты бархионтæ Дагестаны хъуамæ банкъарой ам цы атмосферæ ис,уый. Цæмæй æмбарой спорт Цæгат Кавказы, куыд уарзынц, уый. Уыимæ ма базонгæ уыдзысты æмæ аныхас кæндзысты звндгонд спортсментимæ. Уый фæрцы сын фæзындзæн ног гæнæнтæ. Уымæ гæсгæ ахæм мадзæлттæм цæуын хъæуы», – Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бархионтæн ног фадæттæ
Категория:
Новости и СМИ