«Кæлæццаг хæдзæртта цæрджытимæ хъуамæ ахагдæ куыст цæуа»
Кæлæццаг хæдзæртты чи цард, ахæм астсæдæ бинонтæн фарон радтой ног цæрæнбынæттæ. Уый тыххæй муниципалон куыстуæтты сæргълæууджытимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберт. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сты дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Уыимæ ма ис ахæм бинонтæ, ног цæрæнуæттæм рахизын кæй нæ фæнды. Сæ хъаст балæвæрдтой тæрхондонмæ. Битарты Вячеслав бахæс кодта, иннæ аз ахæм фарстаимæ куыд нал сæмбæлой. Уыимæ ног фатерты цæрджытæн хъуамæ рагацау фенын кæной сæ ног бынат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Кæлæццаг хæдзæртта цæрджытимæ хъуамæ ахагдæ куыст цæуа»
Категория:
Новости и СМИ