«Æфсæйнаг Вероника»
Афтæ хуыдтой аивадиртасджытæ æмæ музыкалон критиктæ ирон сылгоймаг-дирижер Дудараты Вероникæйы. Зындгонд музыканты тыххæй ныв фæзынд дунеон агурæн хызæг ГУГЛ-ы. Хызæг аразджытæ ахæм хуызы адæмы зонгæ кæнынц историон цаутимæ, зындгонд æмæ хъуыстгонд адæмимæ, стæй се сгуыхтдзинæдтимæ. Дудараты Вероникæ 50 азы разамынд лæвæрдта дунейыл хъуыстгонд оркестртæн. Йæ ном ын бахастой Гиннесы чиныгмæ. Нæ бæстæйы историйы та æнустæм баззад фыццаг сылгоймаг-дирижерæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Æфсæйнаг Вероника»
Категория:
Новости и СМИ