Дала фæндыры къордты архайджыты нымæц фылдæр кæны
Цæгат Ирыстоны центр «Заря» кусы къорд азы дæргъы. Ис дзы бирæ алыхуызон цымыдисаг хайæдтæ. Архайынц дзы куыд кæстæр, афтæ хистæр фæлтæр дæр. Иу æмæ дыууæ азы дæргъы дзы нæ кусы нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр. Уый, кæддæр рохуаты цы инструмент баззад, уый райрæзтыл 26 азы дæргъы архайы. Агънаты Земæ ацы сывæллæттимæ кусы цалдæр азы дæргъы, чысыл ма куы уыдысты, уæдæй нырмæ. Фыццаг хатт куы æрбацыдысты центр «Заря»-мæ, уæд сæ бафæндыд дала-фæндыры хайадмæ бацæуын. Æмæ нæ фæрæдыдысты, зæгъынц уыдон 26 азы размæ сног дала-фæндыры цымыдисаг истори. Уæд фыццаг хатт Агънаты Земæ æмæ Гæздæнты Булаты хъæппæрисæй, семæ ма иузæрдион чи уыд, ахæмтимæ бавдæлыдысты, æмæ ацы ахсджиаг хъуыддагыл райдыдтой архайын. Агънаты Земæ нын куыд радзырдта, афтæмæй уый байгом кодта сæрмагонд кълас. Уым райдианы цагътой балалайкæтæй. Уæд сæм дала-фæндыртæ нæма уыд. Уый фæдыл сæм-иу фæзынд бирæ зындзинæдтæ. Агънаты Земæйы ныхæстæм гæсгæ дала-фæндыртæй йын баххуыс кодта Уæрæсейы Глинкæйы номыл консерваторийы цы ирон лæппу куыста, уый. Уый йын цыбыр рæстæгмæ скодта дыууæ дала-фæндыры. Зæгъæн ис, æмæ ацы инструментæн 26 азы размæ ногæй райдыдта йæ истори. Адæмы зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис. Уæдæ йæ сывæллæттæ дæр бауарзтой. Ацы инструментыл цæгъдын иу æмæ дыууæ фæлтæры не сахуыр сты. Азаматов Андрейы хъæппæрисæй Агънаты Земæ райста 15 инструменты. Цасдæр рæстæджы фæстæ уый ацыд Мæскуымæ. Уырдыгæй дæр та афтид къухтæй не ссыд. Бавдæлыд,æмæ фабрикæ «Орфей»-йы руаджы нæ республикæмæ сæрвыста 15 инструменты. Ныртæккæ Агънаты Земæ кусы «Уадындз»-ы. Уый у центр «Заря»-йы къордтæй иу. Адæм дзы зæрдæргъæвдæй архайынц, цæмæй ацы инструмент рох ма уа, уæдæ йæ адæм дæр хорз зоной. «Уадындз»-ы концертмейстер Абайты Зæлинæйæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы инструментимæ архайын зын у, фæлæ йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Агънаты Земæйы ахуыргæнинæгтæ нартæккæ æрмæст нæ республикæйы хъуыстгонд не сты, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Кусынц зындгонд оркестрты æмæ хихъæппæрисадон къордты. Иумæйагæй архайынц дала-фæндыры музыкалон райрæзтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дала фæндыры къордты архайджыты нымæц фылдæр кæны
Категория:
Новости и СМИ