Кæдмæ афтæ?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы Дзæрæхохы-фырты номыл уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц сæ цæрыны уавæртæй. Хæдзар нымад у кæлæтдзагыл. Бæстыхайы цæрын æдас нæу. Бирæуæладзыгон хæдзарæн йæ къултæ згълынц, электрон тыхы системæ хæлд. Цæрджыты иу хай раивтой ног агъуыстытæм. Фæлæ иннæты кæд раивдзысты ног фатертæм æмæ се нæниздзинадæн кæдмæ тæрсдзысты, уый базыдта нæ уацхæссæг. Къулты уындæй зæрдæ ныккæрзы, цары сæрстытæ згъæлынц, электрон тыхы телтæ куыд æмбæлы, афтæ не сты. Хæрæндон кæм ис уым та бæсты-астæу ваннæ лæууы. Æрвылбон хъуынайы тæф æмæ æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты цард. Хъæндзинæдтимæ тох кæнынц сывæллæттæ дæр. Зæрдæхсаинаг уавæры цæрынц. Арæх рынчын кæнынц. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, цалцæггæнæн куыстытæй ницы пайда ис. Цыбыр рæстæгмæ сæ фæд дæр нал баззайы. Æрæджы рудзгуытæ куы ивтой, уæд къулæн йæ иу хай ныккалд, пъол ныттыдта. Иннæ хъаймæт та - электрон тыхы телтæ. Хæдзар кæлæтдзагыл нымад у. Цæрджыты æндæр цæрæнуæттæм ивын бæргæ райдыдтой. 18 бинонтæн уал ног фатертæй дæгъæлтæ радтой. Рады ма лæууынц 12 -æй. Фæлæ хæдзары ис 60 фатеры, иннæтæ та цы фæуыдзысты? Хæдзары цæрджытæ арвыстой курдиат Уæрæсейы президентмæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынафæййадмæ дæр фыстой, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй нæ сæнкъуысыд. Ныр та æмбырд кæнынц къухфысттæ æхсæнадон палатæмæ. Горæты администрацийы цы уавæр сæвзæрд уымæн дзуапп дæттынц. Администрацийы ма æмбарын кæнынц бюджеты æхца фаг нæй, уый. «Кæлæтдзаг хæдзæрттæй адæмы ногтæм раивыны» программæйы хыгъдмæ хæдзар бахастой 2012 азы фæстæ. Уый та ууыл дзурæг у æмæ сын ног хæдзар амайын райдайдзысты иннæ аз. Гæнæн ис æмæ уæд Дзæуджыхъæуы Дзæрæхохты уынджы цæрджытæ ног агъуыстыты æрцæрдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кæдмæ афтæ?

Категория:

Новости и СМИ