Тарскæйы полигоны Уæрæсе æмæ Алжиры 'хсæн сарæзтой сæрмагонд æфсæддон ахуыртæ
Хæцæнгарзæй æхсын æмæ тактикон цæттæдзинад. Цæгат Ирыстоны Тарскæйы полигоны райдыдтой Уæрæсе æмæ Алжиры иумæйаг æфсæддон ахуыртæ. Сæ арæхстдзинад дзы равдсидзысты 160 службæгæнæджы. Бæлвырддæр радзурдзæн ме 'мкусæг Брытъиаты Феликс. Сæрмагонд мадзалы архайынц Хуссар æфсæддон зылды æмæ Алжиры националон адæмон æфсады минæвæрттæ. Кæрæдзийæн зæгъынц æгасцæуай. Дыууæ бæстæйы 'хсæн иумæйаг ахуыртæ цæуынц фыццаг хатт. Æфсæддонты цур раныхас кодта 58 æфсады командыгæнæг, инæлар-майор Михаил Зусько. Зæрдæ бавæрдта полигонты æмарахйды фæрцы дыууæ æфсады 'хсæн æмгуыстад кæй фæхъæддыхдæр уыдзæн, уымæй. Службæгæнджытæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ. Æфсæддон ахуырты архайдзысты хæстон æмæ сæрмагонд техникæйы 40 иуæджы. Дыууæ æфсадæй дзы сæ арæхстдзинад равдисдзысты 160 салдаты. 80 адæймаджы Хуссар æфсæддон зылды мотоæхсæн дæлхайæдтæй æмæ 80 адæймаджы Алжиры æфсады иугондтæй. Ахуыртæ цæудзысты 11-æм октябры онг. Фидæны та æппæтадæмон ахуырты бацархайыны фадат. Уым фенæн уыдзæн Абхазийы, Хуссар Ирыстоны, Арменийы, Казахстан, Пакистан æмæ Египеты æфсæддон тыхты арæхстдзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv