Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ раргом кодтой давды тыххæй цау
Фыдгæнджытæ, ног хæдзæртты цæрджытæ кæй нæй æмæ куыд æмбæлы афтæ хъахъхъæд кæй нæ цæуынц, уымæ гæсгæ сыл зылдысты. Ног фатертæй-иу рахастой хъармгæнæн гæрзтæ æмæ сæ-иу ауæй кодтой. Ног фатерты цæрджытæ рагагъоммæ самал кодтой хъармгæнæн хæтæлтæ æмæ æндæр хæдзары хъæугæ дзауматæ, фæлæ сын сæ давджытæ фæхастой. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сгарæн-агурæн мадзæлтты руаджы сбæрæг кодтой давджыты. Уыдон горæты ног микрорайонты бирæуæладзыгон хæдзары фатертæй иуæй рацæйхастой мулк. Фыдгæнджыты фæхæццæ кодтой пъæлицæйы хайадмæ. Давджытæ уыдысты æртæйæ: 1992-æм æмæ 1997 азы гуырд Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ Беслæны цæрæг 36- аздзыд сылгоймаг. Æдæппæтæй зиан æрхастой 150 мин сомы бæрц. Фыдгæнджытæ-иу давæггæгтæ ногæй ауæй кодтой сæ зонгæтæн. Ныртæккæ æртæ давæджы дæр сты ахст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ раргом кодтой давды тыххæй цау
Категория:
Новости и СМИ