Беслæны скъолайы амæттæгты ацы бонты мысынц æгас дунейы
Беслæны скъолайы амæттæгты ацы бонты мысынц æгас дунейы. Сæ рухс нæмттæ сын ссардтой Турчы цæрæг ирон адæм дæр. Сарæзтой номарæн æмбырд. Архайдтой дзы ирон адæмы бынæттон æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ, хъæуы цæрджытæ æмæ йæхи алайнагыл чи нымайы, уыдон се `ппæт дæр Ссардтой æвирхъау теракты амæттæгты нæмттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъæумæ `ввахс ма бынæттон цæрджытæ ныссагътой бæлæстæ. Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы номыл сæрвыста тæфæрфæсы фыстæг дæр. Беслæны цауты фæдыл хъыг кæнынц Бельгийы цæрæг ирон адæм дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv