Хуссар æфсæддон зылды танкисттæн Тарскæйы райдыдтой ахуыртæ
Хуссар æфсæддон зылды танкисттæн Тарскæйы райдыдтой ахуыртæ. Сæ размæ лæууыд бирæ хæслæвæрдтæ: зæгъæм, æхсæн гæрзтæй æхсын алыхуызон дæрддзæфмæ. Сæрмагонд курсы рæстæг рæстдзæвинтæ къуырдтой ныхмæлæууæджы нысæнттæ. Фæлтæрдджын инструктортæ сæрмагонд цæстдард здахынц танкты экипажты психологон цæттæдзинадмæ. Уый тыххæй ахуырты уавæр фæкарздæр кæнынц. Æрымысгæ знаджы ныхмæ спайда кæнынц тохы фæрæзтæй. Уый фæрцы æфсæддонтæ фæуæлдæр кæнынц сæ цæттæдзинад, куыд психологон, афтæ физикон æгъдауæй дæр. Æдæппæттæй, ахуырты рæстæг алы экипажæн дæр рахай кæнынц 130 сахаты, æфсæддон техникæимæ архайыны цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынмæ. 110 сахаты та лæвæрд цæуы зынгимæ архайын сахуыр кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар æфсæддон зылды танкисттæн Тарскæйы райдыдтой ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ