Гергиты Валерий æмæ Джиоты Вероникæ архайдзысты хæрзаудæн проекты
Гергиты Валерий æмæ Джиоты Вероникæ архайдзысты «Белый пароход», зæгъгæ, хæрзаудæн проекты. Уый тыххæй хъусын кæны агентад «Рес». Цæвиттон, Ярославлы 4-æм августы æрлæудзæн туристон нау «Белый пароход». Уый сæрмагонд гуманитарон проекты фæлгæты бабæрæг кæндзæн, цæугæдон Волгайы былгæрæтты цы горæттæ ис, уыдон. Балцы архайдзысты, сæ хъысмæт зын кæмæн рауад, уыцы сывæллæттæ. Балцы рæстæг сывæллæттæ фембæлдзысты зындгонд музыканттимæ. Се `хсæн Гергиты Валерий, Максим Дунаевский, Анна Нетребко, Валерий Меладзе, Джиоты Вероникæ æмæ æндæртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гергиты Валерий æмæ Джиоты Вероникæ архайдзысты хæрзаудæн проекты
Категория:
Новости и СМИ