Сергей Меняйло федта Ногиры хиды рацарæзты куыстытæ
Ногиры хиды рацарæзты куыстытæ дарддæр цæуынц. Специалисттæ удуæлдайæ æхсæвæй-бонæй архайынц, цæмæй объекты цалцæг тагъддæр фæуа. Архайд бынаты федта Сергей Меняйло. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Терчы галиу былгæрон Ногиры 'рдыгæй. Фидæны хиды æртыккаг цæджындз ныридæгæн фидаргонд æрцыд. Рахызтысты цыппæрæм цæджындзмæ. Проектмæ гæсгæ æдæппæтæй уыдзысты æхсæз. Ног хид уыдзæн уæрæхдæр, Афтæмæй ацы уаццаджы фæндаггон змæлд уыдзæн æдасдæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм хиды рацарæзтæн фæрæзтæ радих кодтой бæстæйы Президенты уынаффæмæ гæсгæ.