Абон Уæрæсейы райдыдта æфсадмæ сидыны фæззыгон рæстæг
Абон Уæрæсейы райдыдта æфсадмæ сидыны фæззыгон рæстæг. Аххæсдзæн 31-æм декабрьмæ. Ацы хатт æфсадмæ фæсиддзысты 130 мин адæймагмæ. Хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæстаг азты æфсады службæ чи цæуы, уыдоны кар дæр фæуæлдæр ис. Афтæ, 18 аздзыд æфсæддонты нымæц 2013 азæй нырмæ 8% фæкъаддæр сты. 20 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдоны нымæц та сырæзт 11%. Уыимæ ма бафтыд профессионалон ахуырад чи райста, уыцы æфсæддонты нымæцыл дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æфсадмæ сидынц Уæрæсейы гражданинтæй 18 азæй 27 азы онг кæуыл цæуы, уыдоны. Рад нæ хæссынц йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы гуырдтæ. Уыимæ ма уæлдæр ахуыргæнæндоны альтернативон граждайнаг службæ чи ацыд, æфсæддонтæй куысты чи фæмард, уыдоны æфсымæртæ æмæ фырттæ æмæ ахуырагонды къæпхæн кæмæн ис, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Уæрæсейы райдыдта æфсадмæ сидыны фæззыгон рæстæг
Категория:
Новости и СМИ