Сергей Меняйло архайдта, президенты, æххæстбарджын минæвар Ю Чайкæйы разамындтæй цы æмбырд ацыд уым

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

4 года назад

Сергей Меняйло видеоконференцийы руаджы архайдта советы æмбырды. Амыдта йæ бæстæйы президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Ныхас цыд Украинæйы сæрмагонд операцийы рæстæг Цæгат Кавказы Федералон зылды социалон уавæр фæцудын ма бауадзыныл. Фæстаг рæстæг сарæх сты æфсæддон операцийы тыххæй мæнг хъусн ыгæнинæгтæ. Сæ сæйраг нысан у цæрджыты кæрæдзийы ныхмæ саразын, митингты архайынмæ разæнгард кæнын. Пайда кæнынц алыхуызон мадзæлттæй. Зæгъæм, телефонтæм æрвитынц теракты тыххæй мæнг хъусынгæнинæгтæ. Юрий Чайкæйы ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у ахæм информаци парахат кæнын ма уадзын. Хицæн ныхас ма цыд æхцайы фæрæзтæ фæсарæнтæй кæмæн цæуы, ахæм æнæкоммерцион куыстуæттыл. Ныридæгæн Цæгат Кавказы Федералон зылды сты 88. Æрмæст фарон райстой 300 млн сомы. Æххæстбарджын минæвар бабар кодта  лæмбынæг сбæрæг кæнын се ппæтты куыст дæр. Æмбырды ма ныхас кодтой мызды хæстæ фæкъаддæр кæныны мадзæлттыл. Президент ахуырады райрæзтæн цы уынаффæтæ рахаста, уыдон æххæст кæныны, уыимæ, Украинæ æмæ Донбассæй цы цæрджытæ цæуы, уыдоны социализацийы тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv youtube.com/irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv