Бирæвæрсыг куыст
Цæгат Ирыстоны постхæсджытæ абон сæмбæлдысты сæ профессионалон бæрæгбоныл. Адæм æппæты тынгдæр кæмæ `нхъæлмæ кæсынц, уыдоны куыст кæдфæндыдæр у ахадгæ æмæ хъæугæ. Республикæйы фæстаг хабæрттæ базонын, хæстæджытæн зæрдылдарæн лæвæрттæ арвитын, уарзон адæймагæй зæрдæбын фыстæг райсын. Посты куыст бæрнон æмæ бирæвæрсыг у. Нæ республикæйы дзы ис 172 хайады. Сæ бæрæгбоны азфыст та нымайынц 1969 азæй фæстæмæ. Кæд ацы бон почтæйы кусджытæн бæрæг у, уæддæр сын иннæтæй ницæмæй хицæн кæны. Фыццаджыдæр, хъæуы фыстæджытæ æмæ æрвитæггæгтæм æркæсын æмæ сæ æмбæлгæ адристæм арвитын. Тыджыты Ригинæ йæ куыст бæстонæй зоны. У Уæрæсейы посты 21-æм хайады разамонæг. Хъазгæмхасæнты куыд фæзæгъы, афтæмæй ам цал азы кусы, уый нал хъуыды кæны. Æхсызгон ын у, ахæм бæрæгбон сын кæй ис. Цæмæй дзаума йæ хицаумæ бахæццæ уа, уый тыххæй ам мин æмæ `рдæг адæймаджы кусы. Сæ архайд æцæгæйдæр бирæвæрсыг у. Хъуамæ куса тагъд æмæ æнæ аиппытæй. Иуæй-иу лæггæдтæ акæнынц цæстыфæныкъуылдмæ. Уæдæ нырыккон техникон фæрæзтæй пайда кæнынмæ дæр тырнынц. Кæд ма искæмæ афтæ кæсы, æмæ посты æрдæгфынæй адæм кусы, сæ фезмæлд та адæмæн маст хос у, уæд рæдийы. Нырыккон технологитимæ сæ куыст зынгæ фæрæвдздæр. Йæ фæллойгæнджытæ аразынц æппæт уавæртæ, цæмæй сæ-иу адæм алкæддæр разыйæ баззайой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæвæрсыг куыст
Категория:
Новости и СМИ