Цæгат Ирыстоны исынц киноныв «Дедушка Сырдон»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Суададжы та ныртæккæ кусынц киноныв «Дедушка Сырдон»-ыл. Йæ режиссер у Олеся Тишина, Цæгат Ирыстонæй рацæугæ чызг. Ныридæгæн систа бирæ кинонывтæ. Бирæтæн дзы аргъ скодтой алыхуызон кинофестивальты. Нæ республикæйы та йæ къухы бафтыд кинойы скъола байгом кæнын. Архайы сабиты курдиæттæ раргом кæныныл. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ сты йæ кинонывы хъайтартæ. Куыд цæуы се сфæлдыстадон куыст, уый фенынмæ дæр араст нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Цæимæ `рыздæхт, уый уын æвдисæм. Сфæлдыстадон куыст йæ тæмæны бацыд. Æрыгон актертæй алчидæр архайы йæ сурæт ирддæрæй равдисыныл. Лæмбынæг хъусынц режиссеры амынддзинæдтæм. Кусынц киноныв «Дедушка Сырдон»-ыл. Олеся Тишина, кинонывы режиссер куыд зæгъы, афтæмæй йæм этникон киноныв сисыны хъуыды рагæй фæзынд. Режиссер Олеся Тишина: «Æз арæхдæр документалон кинонывтыл фæкусын. Фæлæ мæ ацы хатт бафæндыдис комеди сисын. Мæхæдæг дæр Цæгат Ирыстонæй дæн. Хæрзæрæджы фæстæмæ куы сыздæхтæн ардæм, уæд, хъыгагæн, бафиппайдтон, сывæллæттæ æппындæр ирон этникæйы тыххæй кæй ницы зонынц, уый. Æз та нæ культурæ афтæ бирæ уарзын, афтæ сæрыстыр дзы дæн, æмæ мæ фæнды, цæмæй йæ æнæхъæн дуне дæр зоной». Сюжетмæ гæсгæ, фæсивæд сфæнд кодтой, Пиковая дама кæй хонынц, уымæ фæдзурын. Зæронд Бибо уый куы базыдта, уæд смæсты ис. Уымæн æмæ ирон этносы дæр бирæ цымыдисаг хъайтартæ ис. Афтæмæй сфæнд кодта сабитæй хъазæнхъул саразын. Бибойы роль хъазы Эдуард Элбакян. Уыимæ ма Сырдоны сурæт дæр æвдисы. Фæрсæй йæм куы бакæсай, уæд раст цыма дæ цуры Сырдон лæууы, адæймагмæ афтæ кæсы. Ахæм хуызы Эдуард йæхи фыццаг хатт фæлвары. Куыд зæгъы, афтæмæй йын сæйраг роль хъазын тынг бæрнон куыст у. Кинонывы актер Эдуард Элбакян: «Налат Бибойы роль мын бабар кодтой. Мæ сурæтыл тынг зæрдиагæй кусын. Кæд фыццаг хатт хъазын, уæддæр мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Сабитæй ахынджылæг кодтон, цæмæй сæ ирон адæмыхатты миниуджытæм сцымыдис кæнон. Пиковая дама, зæгъгæ, уый бæсты сæ Сырдонмæ фæсидын кодтон. Æрыгон фæсивæдимæ кæд кусын, уæддæр кæрæдзийы тынг хорз æмбарæм. Нæ зæрдæ дарæм, нæ куыстæн нын стыр аргъ кæй скæндзысты, ууыл». Сфæлдыстадон къорд кусы æрвылбон. Се `ппæт дæр сты, Олеся нæ республикæйы цы кинойы скъола байгом кодта, уый ахуыргæнинæгтæ. Кинонывыл кусгæйæ, ирдæй æвдисынц нырыккон фæсивæдæн ахсджиагдæр цы у, уый. Бирæтæ дзы кинонывы фыццаг хатт хъазынц. Кинонывы актрисæ Диана Арутюнян: «Ацы кинонывыл кусын нæ зæрдæмæ тынг цæуы. Нæ фæлтæрддзинад дæр уæрæхдæр кæны. Стæй Суададжы фыццаг хатт стæм. Æмæ нын уый дæр уæлдай æхсызгон у. Фыццаг рæстæг тынг тыхстæн, мæ сурæт куыд рауайдзæн, ууыл. Ныр мын фенцондæр». Августы кæрон киноныв равдисдзысты нæ республикæйы. Стæй уый фæстæ Мæскуыйы. Олеся куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнд кæнынц кинофестивальмæ дæр аласын. Æмбæлгæ аргъ кæй скæндзысты сæ куыстæн, уый сæ уырны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны исынц киноныв «Дедушка Сырдон»

Категория:

Новости и СМИ