Режиссер Богдан Петканинæн радтой Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Болгайраг режиссер Богдан Петканинæн радтой Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном. Театралон аивадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæдыл æй схорзæхджын кодта Битарты Вячеслав. Фембæлды ма архайдта Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры аивадон разамонæг æмæ директор Владимир Уваров. Битарты Вячеслав арфæйы ныхæстæ ракодта Богдан Петканинæн радон хатт республикæмæ кæй ссыд, театралон цардмæ стыр цæстæнгас кæй здахы æмæ уырыссаг театры къордимæ æмгуыст кæй кæны, уый фæдыл. Богдан Петканин дæр бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы сæргълæууæгæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Богдан Петканин у фыссæг Леонид Адамовы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Приличные девушки»-йы режиссер. Ацы къуырийы кæрон æй равдисдзысты Уырыссаг академион театры сценæйыл. Уый размæ Болгариаг режиссер сæвæрдта цалдæр спектаклы - «Лес», «Зануда» æмæ «Любовь, несмотря ни на что». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Режиссер Богдан Петканинæн радтой Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном

Категория:

Новости и СМИ