Мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæ фæфылдæр сты
Мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæ фæфылдæр сты. Абон Намысы мемориалы кадджын уавæры æфсæддон ард бахордтой 72 пъæлицæйы кусæджы Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы цур. Суинаг пъæлицæйæгтæ, уголовон агуырды кусджытæ Ныфс бавæрдтой, куыд æмбæлы, афтæ кæй кусдзысты, уæндон æмæ хъæддых кæй уыдзысты, Фыдыбæстæйæн лæггад кæй кæндзысты æмæ æхсæнадон æдасдзинадмæ сæ цæст кæй дардзысты, уымæй. Ард хæрыны мадзæлттæ ацыдысты республикæйы алы районты. Æдæппæтæй ард бахордтой 472 пъæлицæйы кусæджы. Йæ куысты рæстæг чи фæмард уыцы службæгæнджытæн арæзт цыртдзæвæныл мадзалы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ. Михаил Скоков арфæ ракодта, йæ фыдыбæстæйыл æнувыд чи уыд, уыцы пъæлицæйæгты ныййарджытæн. Уыдон схъомыл кодтой æцæг патриотты. Сæ кад æмæ намыс рох нæ уыдзæн. Пъæлицæйы ног кусджыты хсæн уыд сæ ныййарджыты цардфæндагыл чи ацыд, ахæмтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæ фæфылдæр сты
Категория:
Новости и СМИ