Аслан Яндиевæн прокуратурæ бадомта 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон
Прокуратурæ бадомдта 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссын, Цæгат Ирыстоны теракттæ чи арæзта, уыцы фыдгæнæг Аслан Яндиевæн. Азымы дарджытæ сæ уыцы хъуыды раргом кодтой Цæгат Кавказы зылды æфсæддон тæрхондоны æмбырды. Куыд зонут, афтæмæй ацы террористы аххосджын кодтой нæ республикæйы электрон тыхы дæлстанцæ æмæ мобилон бастдзинады антеннæты цæджындз срæмудзынæй. Ацы хабæрттæ Яндиев ракодта 2005-æм æмæ 2006-æм азты. Слестгæнджытæ йын уайтагъд йæ фæдыл бамбæлдысты. Куыд раиртæстой, афтæмæй иунæгæй нæ уыдис. Хорз у, æмæ сæ фыдракæнды рæстæг адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Фæлæ адæмон хæдзарадæн ракодтой стыр зиан. Уыцы бæллæх саразыны фæстæ Аслан Яндиев йæхи бафæсвæд кодта фæсарæнты, мæнг паспорт саразгæйæ. Барады кусджытæ йæ агуырдтой цалдæр азы, æмæ йыл 2011-æм азы январы фæхæст сты Словакийы. 2018-æм азы та йæ `рбалæууын кодтой Уæрæсейы æмæ йæ тæрхондоны цур æрлæууын кодтой. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Яндиевы азымы дарынц Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 209-æм, 222-æм, 205-æм, 30-æм æмæ 5-æм статьяты алы хæйттæм гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аслан Яндиевæн прокуратурæ бадомта 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон
Категория:
Новости и СМИ