Кады аккаг!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Абон йæ юбилей бæрæг кæны, Ирыстоны ном дæрддыл чи айхъуысын кодта, уыцы бæхылбадæг - Тугъанты Дзерассæ. Цæрæнбонты æнæзæрдæхудт лæггад фæкодта циркæн, у Уæрæсейы адæмон артисткæ, зындгонд дрессировкæгæнæг. Райгуырд 1929-æм азы цирчы артистты бинонты `хсæн. Йæ фыд Тугъанты Михаил дæр куыста бæхтимæ, йæ мад Нина Никитас та уыдис уæлдæфон гимнасткæ. 1951-æм азы кусын райдыдта йæ фыдимæ, уымæй 11 азы фæстæдæр та сарæзта бæхылбадджыты къорд «Ирыстон». Уыцы цауы фæстæ советон цирчы тыххæй базыдтой æгас дунейы. Адæм ын-иу тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой йæ сæйраг номыры тыххæй. Тугъанты Дзерассæ-иу 10 нæлгоймаг барæджы `хсæн урс дарæсты рацыд фæзмæ. Стæй-иу æваст йæ дзаумæттæ фæивта, æмæ-иу ехсимæ сæрæн барджыты арæхстдзинад фенын кодта адæмæн. Ныртæккæ дæр уыцы æвæджиауы аив кадртæ уынут. Афтæмæй фæкуыста 30 азæй фылдæр. 1990-æм азæй фæстæмæ йæ архæстдзинæдтимæ зонгæ кæны цирчы артистты æрыгон фæлтæры. Йæ бирæ хæрзты тыххæй Тугъанты Дзерассæ ссис майдан «Ирыстоны намысæн»-ы аккаг. Йæ рæстæджы йын Хуссар Ирыстоны разамынд дæр саккаг кодта Республикæйы адæмон артисткæйы ном. Тынг хæлар ахастдзинæдтæ Тугъанты Дзерассæ дардта Эмиль Киоимæ. Дунейы алы рæттыл фæзылд, фæлæ ирон чызг кæддæриддæр йæ зæрдыл дардта йæ уидæгтæ. Стыр уарзтæй уарзта йæ фыдыуæзæг æмæ йын йе `мтуг адæм дæр кæнынц стыр аргъ! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кады аккаг!

Категория:

Новости и СМИ