Цæгат Кавказ - нæ иумæйаг хæдзар
Цæгат Ирыстоны пысылмон дины управлени ивгъуыд сабаты сарæзта конфесситы `хсæн форум. Æрбангом кодта алыхуызон динтыл хæст адæмы. Форумы программæ цымыдисаг æмæ ахсджиаг уыд. Диныл хæст адæм бакастысты сæ докладтæ. Цæгат Кавказы федералон зылды минæвæртты Елхоты дыккаг хатт суазæг кодтой. Конфесситы хсæн форум æрбангом кодта бирæ адæмы. Уазджытæ бакастысты докладтæ. Æрдзырдтой фæсивæды иудзинадыл æмæ алы адæмыхæттыты хсæн ахастдзинæдтыл. Сæйрагдæр та уый у æмæ æрыгæттæ хъуамæ раст фæндагыл æвæрд уой. Уый тыххæй сæ ахуыр кæнын хъæуы. Цæмæй сæм фаг æмæ арф зонындзинæдтæ уа, уый тыххæй. Нæ республикæйы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат куыд загъта, афтæмæй æнæ ахуырадæй фидæн нæй. Форумы дыкаг хаййæ адæм разыйæ куыннæ баззадысты. Бæхтыл дугъ Цæгат Кавказы уарзынц бирæ адæм. Дугъ кодтой 4 дистанцимæ гæсгæ: 1400, 1600,1800 æмæ 2200 метры. Барджытæ дугъ кодтой куыд сыгъдæгтуг бæхтыл, афтæ хæццæтугтæ дæр. Бæрæгбоны дыккаг хай бацæттæ кодта Елхоты администраци. Ерысты кæронбæттæн уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой хцайы премитæй æмæ лæвæрттæй. Цæгат Ирыстоны форум арæзт æрцыд 7-æм хатт. Йæ аразджытæ ныфс дарынц, азæй-азмæ йæм фылдæр адæм кæй æмбырд кæндзæн, ууыл. Уыимæ цы фарстатыл фæныхас кæнынц, уыдон лыггонд кæй цæудзысты, ууыл. Цæгат Кавказы адæмы `хсæн ахастдзинæдты фарста алы хатт дæр ахсджиаг у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæгат Кавказ - нæ иумæйаг хæдзар
Категория:
Новости и СМИ