Профессор Къомайты Риммæйы рухс ном æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты
Цæгат Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг, Уæрæсейы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл лауреат, профессор Къомайты Риммæйы рухс ном æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты. Абон ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 90 азы. Университеты ректор Огъуаты Алан æмæ журналистикæйы факультеты хъæппæрисæй æрвылаз арæзт æрцæуынц регионалон наукон æркастытæ Къомайты Риммæйы номыл. Ацы аз ацыдысты дыккаг хатт æмæ дарддæр хъуамæ суой традицион. Дзырды дæсны æмæ куырыхон адæймаг, ахæм йæ бахъуыды кодтой йе`мкусджытæ æмæ йæ ахуырдзаутæ. Зонадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, йæ фæллойадон куыст бирæвæрсыг кæмæн уыд, бирæ студентты раст фæндагыл чи сывæрдта, ахæм адæймæгтæй иу уыд профессор Къомайты Риммæ. Хорз æй чи зыдта, уыдон сразы уыдзысты, куырыхон адæймаг кæй уыд, цыргъ зонды хицау, тызмæг, фæлæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг. Уый æдзухдæр уыд домаг йæхицæй дæр æмæ иннæтæй дæр. «Æмкусджытæ», зæгъгæ, алкæмæ дæр Къомайты Риммæ афтæ дзырдта, суанг стуненттæм дæр. Йæхи æмрæнхъ æвæргæйæ сыл æвæрдта стыр хæсы уаргъ. Æмæ уыцы хæс æххæст кæнын хъуыди - ахуыр кæнын. Йæхи та йын, ирон ныхасы фæткмæ гæсгæ, хуыдтой Къомиан. Никуы каст нæдæр кармæ, нæдæр кады нысантæм. Йæ алыварс чи уыд, уыдон хорз хъуыды кæнынц йæ ныстуантæ, йæ тызмæг цæстæнгас æмæ рæсугъд аив ныхас. Къомианæй чи нæ тарст, ахæм студент зын ссарæн уыд. Æрмæст йæ цæстæнгасæй дæр йæ бон уыд уайдзæф бакæнын, бафхæрын æмæ арфæ ракæнын дæр. Уый уыдис тыхджын удыхъæды хицау. Ахæм разамонджытæ сæхи размæ дæр карз домæнтæ æвæрынц, сæ нысан та вæййы ахуырдзауты раст фæндагыл сывæрын. Къомайты Риммæ æдзухдæр архайдта, цæмæй йæ студенттæ тырной фылдæр зонындзинæдтæм. Æмæ йын æнтысгæ дæр хорз кодта. Къомайты Риммæ райгуырд 1930-æм азы 28 февралы Беслæны. 1952-æм азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны Пединституты филологон факультет амæ цалдæр азы фæкуыста скъолайы ахуыргæнæгæй. Фондз монографийы æмæ фæндзай наукон куыстæй фылдæрæн у автор. Уыд кафедрæйы сæргълæууæг. Бирæ рæстæг разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон филологи æмæ журналистикæйы факультетæн. Уæд ма иугонд уыдысты. Уый фæстæ журналистикæйы факультеты кусгæйæ, сси æвзаджы культурæ æмæ дзыллон коммуникациты кафедрæйы сæргълæууæг. Абон дыккаг хатт арæзт æрцыдысты Къомайты Риммæйы номыл регионалон наукон æркастытæ. Ахуырадон советы залы æрбамбырд сты Къомайты Риммæйы æмкусджытæ, студенттæ æмæ хæстæджытæ. Ацы мадзал фæнд кæнынц æрвылаз дæр аразын, цæмæй суа традицион. Къомайты Риммæ схъомыл кодта филологты æмæ æвзагиртасджыты цалдæр фæлтæры. Уыдон канд Ирыстоны нæ кусынц, фæлæ ма æндæр бæстæты дæр. Йæ царды фæстаг бонтæм дæр йæ зæрдæ нæ сивта йæ равзæрд дæсныйадыл. Къомайты Риммæ дзæнгæрджытæ бирæ кæй уарзы, уый сусæггаг никæмæн уыд. Йæ кусæн бынатмæ бакæсгæйæ, фенæн ис алыхуызон дзæнгæрджытæ. Уарзон разамонæгæн алчидæр лæварæн хаста алы дард бæстæтæй гыццыл дзæнгæрæг. Къомиан уый нымадта стыр лæварыл. Зындгонд педагог, куырыхон разамонæджы ном никуы ферох уыдзæн. Йе ’мкусджытæ æмæ хъомылгæнинæгты зæрдæты цæрдзæн æнусты дæргъы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Профессор Къомайты Риммæйы рухс ном æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты
Категория:
Новости и СМИ