Сергей Меняйло бацархайдта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виктория Абрамченко æмæ Цæгат Кавказы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

39 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

39 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

39 просмотров

3 года назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бацархайдта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виктория Абрамченко æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионты разамонджытимæ æмбырды. Арæзт æрцыд  видеоконференцийы хуызы.  Ныхас дзы цыд хъæбæр коммуналон хауæццæгтимæ архайыны фæдыл реформæйы тыххæй. Виктория АбрАмченко æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Владимир Путин хъæбæр коммуналон хауæццæгты ныгæндты 50% фæкъаддæр кæнын кæй бабар кодта, уый. Цæгат Кавказы субъектты разамонджытæ радзырдтой, уыцы хъуыддаджы уавæр сæ регионты куыд у ныртæккæ. Сергей Меняйло конференцийы архайджыты базонгæ кодта нæ республикæйы егъау инвестицион проектимæ. Уый фæлгæты хъуамæ арæзт æрцæуа хауæццæгтæ дихгæнæн комплекс. Уыдзæн дзы бырон æвзарæг 3 линийы. Алкæцыйы хъомыс дæр дзы уыдзæн 100 мин тоннæйы азмæ. Фыццаг лини у ныридæгæн цæттæ.

, чтобы оставлять комментарии