Æнхъæлмæ кæсынц
Беслæны нартхоры комбинат банкротыл банымайыны тæрхон рахæсдзысты 21 декабры. Уый тыххæй абон фехъусын кодта разамонæджы бартæ æххæстгæнæг Ходы Азæ комбинаты кусджытимæ æмбырды. Амыдта йæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысгæнæг Дзуццаты Батырбек. æмбырды ныхас цыд куыстуаты чи фыдæбон кодта уыдонæн мызд кæй нæ бафыстой ,уый тыххæй. Ног конкурсон разамонæг Григорий Юн куыд зæгъы, афтæмæй абоны бонмæ кусджытæй мызд нæ райстой 260 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ дарынц 24 милуан сомы. Уæ зæрдыл уынæй æрлæууын кæндзыстæм Беслæны нартхоры комбинат æрæджы дæр ма регионы нымад уыд æппæты стырдæр аграрон куыстуатыл. Банкротылæй банымадтой 2014 азы. Йæ исбонады хай йын ауæй кодтой . 500 адæймаджы та баззадысты æнæ куыстæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнхъæлмæ кæсынц
Категория:
Новости и СМИ