Кæдмæ ма, цымæ?
Дзæуджыхъæуы Калинины номыл уынджы цæрджытæ сæ уынгыл цæрынæй бафæлладысты. Æрæджы сын сæ фæндаг сцалцæг кодтой, фæлæ йæ æрдæгкæндтытæй ныууагътой. Йæ былгæрæттыл ын цы къæйтæ сæвæрдтой, уыдон æгæр бæрзонд рауадысты, æмæ адæм сæ сæрты хилынæй бафæлладысты. Хъæстмæ, дам, кæдæм нæ фæцыдыстæм, иу ахæм ран нал баззад. Фæлæ сæм хъусæг нæй. Афтæмæй уал дзы иу адæймаг йæ къух асаста. Кæддæр-куыддæр сæм фæзындысты Адæмон фронты бынæттон хайады минæвæрттæ. Цы рауад сæ балцæй, уый базыдтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Калинины номыл уынджы цæрджытæн æрлæууæн бынатмæ бафтын альпинизмæй фæлварæн радтынæй хъауджыдæр нал у. Ам фæндаг куы сцалцæг кодтой æмæ йын йæ былгæрæттыл ног къæйтæ куы сæвæрдтой, уæд уыдонæй æцæг цæлхдуртæ рауад. Адæммæ фыццаг бонæй дæр æгæр бæрзонд фæкастысты, фæлæ ницыма дзырдтой. Кæд, дам, сæ нырма зæххы фаг нæ нытътъыстой, зæгъгæ. Уæдмæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты, къæйдуртæ та быруйау фæндæгты былтыл баззадысты. Фистæг ахизæнмæ сæ сæрты гæппытæ кæнынæй адæм бафæлладысты. Æмæ канд уæнгрог цæрджытæй нæ зæгъæм. Йе `нæниздзинад цауд кæмæн у, уыдон сæ сæрты хизынмæ сæ ныфс уæвгæ дæр нал хæссынц. Æд сывæллон мадæлтæ та сæм джихæй кæсгæйæ баззайынц, куыд фæфале уæм, зæгъгæ. Семæ тох чи самадта æмæ уал æцæгæйдæр састы бынаты чи баззад, ахæмтæ уал цæрджыты `хсæн разынд. Адæмы фæдисы хъæр айхъуыстой Æппæтуæрæсейон адæмон фронты бынæттон хайады уæнгтæ. Бынатмæ `рцыдысты, фæндаджы къæйдуртæм æркастысты, сæ сæртæ банкъуыстой. Цæрджыты хъæстытæй куыд базыдтой, афтæмæй уыдон 10 азæй фылдæр хъаст кæнынц Дзæуджыхъæуы администрацимæ, исчи нæ фехъусæд, зæгъгæ. Уымæн æмæ, уал азы размæ кæй сæвæрдтой, уыцы къæйдуртæ дæр ахæмтæ сты. Адæм хъаст кодтой - дзуаппдæттæг нæй. Иу иннæйы фæдыл æрвыстой мæстджын фыстæджытæ, æмбырд кодтой къухфыстытæ. Уавæр нæ ивы. Ныр фронты минæвæрттæ цæттæ кæнынц сæрмагонд фыстæг. Арвитдзысты йæ Дзæуджыхъæуы транспорт æмæ фæндæгты арæзтады разамындмæ. Сæ зæрды сæ ис бæрнон куыст бадомын, Калинины номыл уынгыл хи цæстæй кæй федтой, уыцы дæлæ-уæлæ миты фæстиуджытæ аиуварс кæнын. Гуыбаты Людæ, Гæтæгты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кæдмæ ма, цымæ?
Категория:
Новости и СМИ