Цæгат Ирыстоны, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ цæуы цæрджыты рафыст
Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр цæуы цæрджыты рафыст. Ацы процедурæмæ рафысты кусджыты цæттæ кодтой цалдæр къуырийы. Фыццаг къæпхæны — теоретикон хай, ома, æрфысты методологи. Дарддæр — цæрджыты алы категоритӕм гӕсгӕ куыд æрфыссын хъӕуы, уыимæ ма сæрмагонд планшеттыл дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæрджыты Æппæтуæрæсеон рафыст цæудзæн ацы азы 14-æм ноябрмæ. Цæрæн хæдзæрттыл зилгæйæ, кусджытӕ пайда кæндзысты планшеттæй. Рафысты процедурæ ма ацæуæн уыдзæн сæрмагонд хайæдты. Уыдонмӕ хауынц бирæфункционалон паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдты центртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv