Нысанмæ гæсгæ ахуыр кæнынæн Цæгат Ирыстоны Хицауад ацы аз сфидар кодта 534 ахуырадон бынаты
Нысанмæ гæсгæ ахуыр кæнынæн Цæгат Ирыстоны Хицауад ацы аз сфидар кодта 534 ахуырадон бынаты. Ацы аз сæ курдиæттæ балæвæрдтой 931 адæймаджы. Фидæны студентты æвзæрста сæрмагонд къамис. Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты хатдзæгтæм гæсгæ кастысты, бакалавриат æмæ специалитетмæ бацæуыны бар фылдæр кæмæ хауы. Магистратурæ æмæ ординатурæмæ бацæуыны фæнд чи кæны, ахæм студенттæн та бæрæг кодтой дипломы æмæ зачеты чиныджы бæрæггæнæнтæ. Афтæмæй, специалитет æмæ бакалаврыл ахуыр кæныны тыххæй бафыстой 407 бадзырды, ординатурæйы программæйы фæдыл 65, магистратурæйы фæдыл та 62 бадзырды. Фæсивæд фылдæр се ‘ргом аздæхтой нæ республикæйы Хетæгкаты Къостайы номыл университетмæ. Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институтмæ, Михаил Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университетмæ æмæ æндæртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нысанмæ гæсгæ ахуыр кæнынæн Цæгат Ирыстоны Хицауад ацы аз сфидар кодта 534 ахуырадон бынаты
Категория:
Новости и СМИ