Туризмы рæзтæн
Цæгат Ирыстоны туризмы рæзты тыххæй Битарты Вячеслав æрныхас кодта проекттæ аразæг компанийы сæйраг директор Вольфганг Маерхоферимæ. Æппæты ахсджиагдæр фарста - къахдзоныгъты бырыны хæххон комплекс «Мамысон»-ы арæзтад. Фембæлды архайджытæ дзырдтой фæлладуадзæн бынаты рæзты сæйраг пъланы тыххæй, æркастысты, цавæр инфраструктурон бæстыхæйттæ дзы ис, æмæ ма дзы цы саразын хъæуы, уымæ. Курорты æдасдзинад æмæ додзæуæн системæ дæр æнæ ркастæй нæ ныууагътой. Уымæн æмæ, «Мамысон»-ы арæзтады фыццаг къæпхæн куы райдайа, уæд бынаты æрвылбон уыдзæн 3 - 3,5 мин адæймаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ республикæйы æххæстгæнæн хицауад æмæ федералон уагдæттæ архайынц бæстыхай фæстæмæ туристон-рекреацион экономикон бынатыл банымайыныл. Уæрæсейы хицауад ныридæгæн радих кодта 100 милуан сомы арæзтады проект æмæ сметæ саразынæн. 2020-æм азы хъуамæ фысымуæттæ æмæ комплексы æндæр сæйрагдæр объекттæ аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Туризмы рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ