Хицауады уæнгтæ дзыдтой, иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны фа
Хицауады уæнгтæ дзыдтой, иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны фа
Хицауады уæнгтæ дзыдтой, иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны фарстатыл. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Хъæуы къæпхæнгай, иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайы, уыдоны фарстатæ авиуарс кæнын. Бæрнон кусджытæ пайда кæнынц фæзуæтты райрæзты фонды гæнæнтæй. Абоны онг реестры ис 4 бирæуæладзыгон хæдзары Дзæуджыхъæуы. Дыууæ азмæ республикæйы бахъахъхъæдтой 300 адæймаджы бартæ. «Æппæт æрмæджытыл æнцайгæйæ, нæ цæрджыты бартæ хъахъхъæд цæудзысты федералон æмвзадыл», — бафиппайдта Дзанайты Барис.