Бæрæгбоны стадионы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Ивгъуыд сабаты цымыдисаг футболон фембæлд хи цæстæй федтой мингай адæм. Нæ телеканал та йæ æвдыста комкоммæ эфиры. Дзæуджыхъæуы футболон фæзмæ рацыдысты "Аланийы" ветерантæ æмæ абоны хуыздæр футболисттæ. Сæ арæхстдзинад равдыстой дыууæ командæйы дæр. Футболуарзджытæ та бацæттæ кодтой æппæтæй даргъдæр баннертæ - уыдысты 110 метры. Фембæлды æппæт сусæгдзинæдтæ уын раргом кæндзæн, футбол дзаджджын уæлибæхæй фылдæр чи уарзы, уый - Брытъиаты Феликс. Ацы ахсджиаг цаумæ æнхъæлмæ кастысты æмæ йæ нырма бирæ мысдзысты. Сабаты стадион "Спартачы" егъау фæхстæ та ногæй байдзаг сты футболуарзджытæй. "Матч легенд" - афтæ схуыдтой футболон клуб "Аланийы" 1995 азы чемпионтæ æмæ, нæ республикæйы минæвæрттæй Уæрæсейы клубты чи хъазы, уыдоны хсæн фембæлд. Турнир саразыны хъæппæрис Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта Тулæйы клуб "Арсеналы" дуаргæс Гæбулты Владимир. Йæ фæндоны фарс рахæцыдысты 95-æм азы футболон чемпионаты уæлахиздзаутæ, командæ "Алани" æмæ ныртæккæ Ирыстоны спортивон кад бæрзонд чи хæссы, уыцы футболисттæ. Бæрæгбон райдыдта ирон адæмон зарджытæй. Уый фæстæ фæзмæ рахуыдтой ирыстойнаг футболистты 4 фæлтæры. Футболы ветерантæн радтой кады æмæ бузныджы фыстæджытæ, стæй зæрдылдарæн лæвæрттæ. Стыр футболон бæрæгбоны уазджытæн æмæ спортсментæн "æгасцуай" загътой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Адæмы цинæн кæрон нал уыд. 20 азы фæстæ та федтой сæ уарзон футболистты. Джиоты Инал, Тедеты Бахва, Заур Хапов, Пагæты Артур, Агайты Алан, Омари Тетрадзе, Анатолий Канищев, Назим Сулейманов... Алкæй ном дæр спортуарзджыты зæрдæты хицæн бынат ахсы. Фыццаг минутты Мирджалол Касымовы фæивар кодтой æмæ пурти хызы куы балæууын кодта, уæд трибунæтыл бирæтæн фырцинæй сæ кæуын сæ хъуыры ныббадт. Æрыгон футболистты кад хъахъхъæдтой Гæбулты Владимир, Дзæгъойты Алан, Касаты Алан, Дудиаты Аслан, Спартак Гогниты æмæ иннæ курдиатджын фæсивæд. Се ппæт дæр сæрыстырæй хæссынц Ирыстоны футболон æгъдæуттæ. Матчмæ æрбацыд 12 мин адæймаджы, нæ телеканалыл хъазтмæ бакæсæн уыд комкомммæ эфиры дæр. Æрбацæуджытæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæ командæтæ разындысты æмдых. Хъазт ахицæн хæрæгсастæй: 5-5 хыгъдимæ. Фæлæ сæйрагдæр у адæмы зæрдæты ногæй ныфс кæй æрцард, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бæрæгбоны стадионы

Категория:

Новости и СМИ