Слестгæнæн къамис райдыдта басгæрст Мæздæджы рынчындоны дохтыры ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны слестгæнæн къамис райдыдта басгæрст Мæздæджы рынчындоны дохтыры ныхмæ, йæ куыст нозтджынæй кæй кодта, уый тыххæй. Раздæры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, дохтырмæ бахатыдысты 8-аздзыд чызджы ныййарджытæ. Сывæллонæн йæ уæнгсастыл сæвæрдтой гипс. Уыцы гипс та, дохтыры хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы хосæй сæрдын. Ныййарджытæй уый тыххæй иу систа видеоæрмæг. Мæнæ йæ уæхæдæг дæр уынут. Зыны дзы, дохтыр кусгæ-кусын йæхи æмбæлгæ уагыл куыд нæ дары, уый. Ацы хъуыддаг дзырддаг сси социалон хызты дæр. Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий куыд зæгъы, афтæмæй дзæбæхгæнæндоны кусæгæн йæ митæ рафауинаг сты. Алайаг хъуыддаджы фæстæ дохтыры суæгъд кодтой йæ бынатæй. Хъуыддагмæ бæстонæй ныр æркæсдзæн Слестгæнæн комитет. Уый тыххæй фехъусын кодта управленийы разамонæджы æххуысгæнæг Гусаты Эдуард. Цы загъта, уымæ байхъусæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Слестгæнæн къамис райдыдта басгæрст Мæздæджы рынчындоны дохтыры ныхмæ

Категория:

Новости и СМИ