Республикæйы национ музейы байгом Ульяна Гончарова æмæ Æхполæтты Æхсары иумæйаг равдыст
Республикæйы национ музейы байгом Ульяна Гончарова æмæ Æхполæтты Æхсары иумæйаг равдыст
Республикæйы национ музейы байгом Ульяна Гончарова æмæ Æхполæтты Æхсары иумæйаг равдыст. Ульяна Гончаровайы куыстытæ фыст сты алыхуызон жанрты. Фенæн дзы ис алыхуызон хæххон пейзажтæ æмæ горæты хуызтæ. Рæстæг ын дзы ахсы ахсджиаг бынат. Йæ райгуырæн Дзæуджыхъæу æвдисы, фидæны йæ куыд уыны, афтæмæй. Дыууæ нывгæнæджы куыстытæй бирæтæ æвдыст цыдысты Санкт-Петербург æмæ Мæскуыйы. Æхполæтты Æхсар та ныффыста портреттæ - йӕ мад, йӕ фыд æмæ инннӕ хиуӕтты. Адæмæй уæлдай, нывты фенæн ис архитектурæ дæр. Равдысты равӕрдтой 90 куыстмæ хæстæг. Нывгæнджытæ равдыстой куыстытӕн сӕ вазыгджындæртæ. Сфæлдыстады мидӕг кæрӕдзи куыд æмбарынц, сæ царды фæндагыл дæр афтæ. Сæ иумæйаг равдыст ахæссдзæн 2 мæйы.