Цӕгат Ирыстоны фæндаггон егъау объектты райрæзтыл Дзанайты Барис æрдзырдта Игорь Костюченкоимæ

Ногиры хъæумæ бахизæны Терчы цæугæдоны сæрты хиды рацарæзтыл Дзанайты Барис æрдзырдта Уæрæсейы автомобилон фæндæгты агентады разамонæджы хæдивæг Игорь Костюченкоимæ Мæскуыйы. Хиды цæджындзтæ ныккалдысты майы донивылдты рæстæг. Уый аххосæй хъæуты автомобилон бастдзинад фæкъуылымпы. Фылдæр хæдтулгæтæ цӕуын райдыдтой горæты фæндæгтыл. Хидæй ма цы баззад, уый дӕр райхæлдтой. Афæдзы кæронмæ йæ рацарæзты фæдыл бакусдзысты проектон-хыгъдон гæххæттытыл. Ацы фарста иуварс кæнын бæстæйы Президент Владимир Путин бабар кодта Сергей Меняйлоимæ фембæлды фæстæ. Ныртæккæ куыст цæуы объект республикæйы фæндаггон архайды фондзазон пъланмæ баххæсыныл. Дзанайты Барис æмæ Игорь Костюченко ма ныхас кодтой Архонская станицæйы иувæрсты фæндаджы арæзтады фарстатыл. «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен II»-ы автомобилон фæндаг. Ӕппæты фылдæр хæдтулгæтæ ацы уадздзагыл ӕрӕмбырд вæййы. Фæндаджы арæзтад фарста аиуварс кæнид. Иу ахсджиаг темæ ма автомобилон фæндаг «Джызæл-Хъæрмæдон-Дæргъæвс-Дзуарыхъæу»-ы рацарæзт. Ис ын ахсджиаг нысаниуæг туризмы къабазы райрæзты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
10 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии