Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаг дарддæр аразынц
Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндагыл цæудзæн æппæт транзитон транспорт æмæ уый руаджы горæты уынгтæ фæуæгъддæр уыдзысты. Ныртæккæ объектыл æрвылбон кусынц 70 адæймаджы æмæ техникæйы 47 иуæджы. Ацы арæзтад республикæйæн ахсджиаг у. Йæ срæвдзмæ йын æнхъæлмæ кæсынц куыд автомобилисттæ, афтæ цæрджытæ дæр. Транспортон райхæлды Мæскуыйаг шоссемæ хæстæг фæвæййынц сыгъдæггæнæн амаддзæгтæ аразын. Уыцы иу рæстæг æмраст кæнынц фæндаджы уæлцъар æппæт уæлæмхасæн куыстытæ æххæст кæнгæйæ. Ныридæгæн æппæт архайдæн йæ 70% æххæстгонд æрцыд. Трассæйы сæвæрдзысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм рухсгæнæн системæ, уынæры ныхмæ экрантæ. Ацы мадзæлттæ хъæугæ сты фæндаггон змæлды æдасдзинадæн, -зæгъынц специалисттæ. Арæзтад æртæ хайыл адих кодтой. Куыст сыл цæуы уыцы-иу рæстæг. Фæндаджы уæлцъар æмбæрзынц æртæ фæлтæры асфальтæй. Трассæйыл фæзындзæн æппæт хъæугæ нысæнттæ, гæрæнтæ. Ацы уаццаджы цæттæдзинад у 80%. Рухсгæнæн системæ дæр рæвдз у. Дзæуджыхъæу-Алагир объект та раттынвæнд кæнынц хæстæгдæр дыууæ къуырийы. Ацы хаймæ уæлдай æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты,- зæгъынц специалисттæ. Егъау арæзтад фæуыдзæн хæстæгдæр рæстæг. Йæ дæргъ у фынддæс километры, уыдзæн дзы, алкæмæн дæр йæ уæрх æртæ метры æмæ æрдæг кæмæн у, ахæм цыппар уаццаджы. Специалисттæ ма объект сифтонг кæндзысты цъæх фæлыстæй дæр.