Форум «Машук-2019»-ы фыццаг фæлтæр райдыдта
Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ араст сты Машукмæ. Æдæппæтæй фыццаг фæлтæрмæ ацыдысты 90 адæймаджы. Форумы фыццаг къуыри снысан кодтой амалъомдзинад, технологитæ æмæ куысты сгуыхынæн. Алы архайæгмæ дæр ис йæхи проект. Цалдæр мæйы `мгъуыдмæ фæсивæдæн ахуыртæ сарæзтой эксперттæ. Уымæй уæлдай ма æрыгон фæлтæры минæвæрттæ архайдтой дæсныйад æвдисæг ахуырты æмæ тренингты. Уæвгæ, сæ куыст ууыл нæ фæуыдзысты. Форумы фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы егъау программæ. Йæ фæлгæты сæ проекттыл бæстондæрæй бакусдзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз форум адæргъвæтин кодтой. Æдæппæтæй дзы уыдзæн æртæ фæлтæры. Дыккаг фæлтæр снысан кæндзысты социалон æмæ адæмыхæтттыты `хсæн хъуыддæгтæн. Архайджыты `хсæн уыдзæн журналисттæ, медиаблогертæ æмæ сфæлдыстадон дæсныйæдты минæвæрттæ. Æртыккаг рад ацæудзæн «Я - лидер!», зæгъгæ, номимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Форум «Машук-2019»-ы фыццаг фæлтæр райдыдта
Категория:
Новости и СМИ