Донарæхæй - дон нæй!
Ольгинскæйы доны фарста ахсджиаг рагæй у. Куы сæм æппындæр нæ кæлы, куы та - зына-нæ зынайæ. Адæм сæ уавæрыл арæх кæй хъаст кодтой, уымæ гæсгæ хъæуы доны хæтæлтæ ивын райдыдтой. Фæлæ ацы фарста бынтондæр аиуварс кæнын нæ рауад. Чи у аххосджын? Арæзтадон æмæ цалцæггæнæн организаци, æви ног доны хызæг йæхимæ чи нæма бауагъта, уыцы цæрджытæ? Уавæр сбæлвырд кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Сæйраг куыстытæ Ольгинскæйы апрелы кæрон фесты. Ног донуадзæн системæ бауагътой 300 хæдзармæ. Уый кæй зæгъын æй хъæуы стыр цины хабар у, фæлæ бынæттон цæрджытæ уæддæр тыхсынц, дон арæхæй - дон уæддæр нæй.Тотраты Зойæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы къæвдамæ, уæд кæд къранты доны æртах уæддæр фæзынид. Арæзтадон организацийы кусджытæ куыд зæгъы, афтæмæй,уыдонæн сæ хæс уыд доны хæтæлтæ хæдзæрттæм саразын. Фæлæ дзы цæмæй дон фæзына, ууыл та цæрджытæ сæхæдæг хъуамæ бацархайой.Ома, йæ бауадзынæн бафидой. Уыимæ ма сын зæрдæтæ алхæдтой - зынаргъ не сты, зæгъгæ. Уæдæ сын бынæттон админстрацийы дæр фехъусын кодтой - хъуыддаг дарддæр сæхицæй аразгæ кæй у. Ног донуадзæн системæ кæй хæдзæрттæм бауагътой, уыдонæн сæ хъуыддаг дзæвгар ферогдæр. Æндæр уавæры сты зæронд системæйæ чи пайда кæны уыдон. Иутæ донæй парахатæй пайда кæнынц, суанг ма йæ сæ цæхæрадæттæм дæр ауадзынц. Уæдмæ та цæрджыты иннæ хатт донмæ кувæгау цæры. Хъæуы иу хайы адæммæ хаттæй-хатт дон нуазынмæ дæр нæ вæййы. Арæзтадон организацийы куыд зæгъынц, афтæмæй, цæрджытæ цас фылдæр пайда кæной ног донуадзæн системæйæ, уый бæрц зæронд системæ хуыздæр кусдзæн. Уый та се ппæты уавæр дзæвгар фæрогдæр кæндзæн. Афæдзы кæронмæ доны хæтæлтæ хъуамæ ивд æрцæуой æгас хъæуы дæр, фæлæ та ам дæр къуылымпыдзинад ис. Æхца фесты. Сокуров Альберт: «Хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег æхцайы фæрæзтæ бацагурыны фæдыл ацыд Мæскуымæ, уым хъуамæ æмбæлгæ адæмимæ æрдзура ацы фарстайыл. Цæмæй æппæт ацы куыстытæ кæронмæ æххæстгонд æрцæуой. Уый тыххæй хъæуы 63 милуан сомы. Нæ зонын рауайдзæн ын,æви нæ. Кæд ын ацы аз рауайа исты, уæд куыстытæ ацы аз фæуыдзыстæм. Кæд нæ, уæд та иннæ аз». Фæлæ уал цалынмæ æхцайы фæрæзтæ нæй, уæдмæ дондзæуæн хызæг аразджытæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл æрхойгæйæ куыстытæ кондыл нымайынц.Иннæ мæй сараздзысты 120 тоннæйы кæм цæуы, ахæм доны æлхъывдады мæсыг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бирæ куыстытæ аразджытæ сæхи хардзæй кæнынц. Фæнды йæ цæрджытæн баххуыс кæнын. Фæлæ уымæн дæр уæ бон цас у. Фарста хауы коммуналлон лæггæдты службæмæ дæр, цæрджытæм сæхимæ дæр. Кæд иу хæдзары дон нæ кæлы, уæд уый ууыл дзурæг у æмæ сыхаг хæдзары дон парахатæй кæлы. Хъæуы администраци радон хатт сиды цæрджытæм доныл куыд ауæрдой, уымæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Донарæхæй - дон нæй!
Категория:
Новости и СМИ