Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы
Дзæуджыхъæуы 29-æм скъолайы ахуырдзаутæ улæфæн рæстæг цывзыгаз суагътой. Уый аххосæй фондз чызгæн сæ улæфæнтæ ахгæдтой. Аластой сæ сывæллæтты рынчындонмæ. Се `нæниздзинадæн ныртæккæ тас ницæмæй у. Цывзыгаз куы апырх кодтой, уæд сывæллæтыл хуыфæг схæцыд. Фæтарстысты, æмæ сæ къулбадæг мийы тыххæй радзырдтой ахуыргæнджытæн. Уыдон сæ арвыстой уроктæм. Газ кæм апырх кодтой, уыцы кусæнуаты дуар сæхгæдтой, фæлæ йын йæ рудзынг байгом кодтой. Скъолайы эвакуци нæ расидтысты. Фæстæдæр сывæллæтты рынчындонмæ аласын бахъуыд. Дзæуджыхъæуы 29-æм скъолайы директор Лариса Лухова: «Дыууæйæн дзы бакодтой æвæстиат хъæугæ æххуыс. Реанимацийы чи уыд, уыдонæй зæгъын. Сæ уавæр зæрдæхсаинаг нал у. Æртæ та дзы сты гастроэнтерологийы хайады. Дохтыртæ сæм фæкастысты, райстой сæ анализтæ. Æртæ чызджы рынчындонæй рафыстой». Мæнæ ахæм хъуыдыйыл та хæст у республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан. Уавæрмæ дары иууыл бæрнон цæст. РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан: «Æрбаластой сæ сывæллæтты клиникон рынчындонмæ. 2-йæ нырма сты реанимацийы. Сæ уавæр нырма бынтон хорз нæу. Мæхæдæг дæр сæм уыдтæн, бабæрæг сæ кодтон. Дзæбæх сæ кæнынц, зонын æй. Цы хъæуы, уый дохтырты къухы ис». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы
Категория:
Новости и СМИ