Æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнæн сæрмагонд техникæ фæфылдæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнæн сæрмагонд техникæ фæфылдæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны. Ацы хъуыддаг дæр æххæст кæндзысты «Экология» национ проекты фæлгæты. 2022-æм азмæ фæнд кæнынц 24 техникæйы иуæджы самал кæнын. Схардз сыл кæндзысты 28 милуан сомы. Ацы аз та уымæн рахай кæндзысты 21 милуаны. Ныридæгæн балхæдтой техникæйы 11 иуæджы æмæ ма кусæнгæрзтæ дæр - трактортæ, радхæссæг комплекстæ æмæ бульдозертæ. Цæгат Ирыстоны хъæдты æвæрæнтæн сæ фылдæр хæхрæбынты сты, уый тыххæй дзы цæстдарæн мадзæлттæ æххæст кæныны зындæр у. 2019 азы оперативон мадзæлтты фæрцы кусджытæ нæ бауагътой хъæдты зингсирвæзтытæ æрцæуын. Хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц 4 уæлæмхасæн патрулон хæдтулгæйы самал кæнын. Пайда уыдзысты, канд зынгстирвæзтыты рæстæг нæ, фæлæ ма зынджы ныхмæ фæндæгтæ аразынæн дæр. Ифтонггонд уыдзысты хъæугæ гæрзтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнæн сæрмагонд техникæ фæфылдæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны

Категория:

Новости и СМИ