Сергей Меняйло амыдта æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Республикæйы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ. Куыстытæ æххæст кæнынц 240 адæймаджы æмæ техникæйы 40 иуæджы. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Алагиры, Мæздæджы, Рахизфарсы æмæ Кировы районты куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Æрыдоны, Дигорайы æмæ Æрæфы районтæ боныхъæд нæ бахъыгдæрдта. Цæф фылдæр æрцыд Дзæуджыхъæуыл. Горæты уынгты афæлдæхдысты бæлæстæ, уый хыгъд бирæ хæдзæрттæ баззадысты æнæ электрон тыхæй. Се 'хсæн Ларс, Цми, Редант, Балта. Уыимæ ма кæмдæрты нæй дон дæр. Горæты нæ кусынц 10 светофоры. Бынæттон администрацийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй боны дæргъы аварион бригадтæ иуварс кæнынц æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ. Фыццаджыдæр архайынц электрон тых æмæ хъарм раттыныл. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бабар кодта, æппæт фæстиуджытæ дæр хæстæгдæр рæстæг аиварс кæнын. Уæлдай æргом аздахын хъæуы социалон куыстуæттæм. Ахсджиаг у æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый банымайын. Ныхас ма цыд цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады райрæзтыл. Ныртæккæ дондæттæн объекттæ иу кæнынц. Æппæт мадзæлттæ дæр фæуыдзысты фидæны азы райдиан. Сергей Меняйло ма бабар кодта "фæндаггон картæмæ" ивддзинæдтæ баххæсын æмæ йыл тагъддæр бакусын. Уыимæ ма бацархайын хъæуы республикæйы хауæдздзæгтæ æмбырдгæнæн объекттæ иу куыстуаты бæрны бакæныныл, сæ æфстæуттæ бахгæныныл æмæ сæ уый фæстæ "Водоканал"-æн радтыныл. Республикæйы исбонады хыгъдмæ баххæсын хъæуы электрон хызæгты хæдзарад дæр. Æрмæст уый фæстæ йæ «Аланияэнергосеть»-ы бæрны бакæнын. Æппæт мадзæлттæ дæр хъæуы 25-æм декабрьмæ фæуын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
31 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии