Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой фыдгæнæджы
Цæстфæлдахæн митæм адæм сæ ныфс уæддæр бахæссынц. Кæмæндæр йæ хъуыддæгтæ бантысынц, кæмæндæр та ныхкъуырд раттынц. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны арæнхъахъæнджытæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» ацы бонты æрцахстой 42-аздзыд нæлгоймаджы. Уый мæнг паспорты руаджы фæнд кодта паддзахадон арæнты сæрты ахизын. Фæсарæйнаг нæлгоймаджы пъæлицæйы кусджытæ уголовон æмæ административон æгъдауæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бафхæрдтой. Уæрæсейы чысыл рæстæг цæргæйæ сарæзта фыдракæнд. Уый тыххæй дзæвгар рæстæг фæбадт ахæстоны. Ныртæккæ фыдгæнæг, йæ æфсымæры паспорт адавгæйæ, сфæнд кодта Уæрæсемæ ацæуын. Фыдгæнæгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Гæнæн ис æмæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ ахæстоны фæбаддзæн 3 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой фыдгæнæджы
Категория:
Новости и СМИ