Хуыцауæй дæр нал тæрсынц!
Ирон аргъуаны цур бырондонæй адæм сфæлмæцыдысты. Цардыуаджы хауæццæгтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. 5 азы уавæр нæ ивы. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, быронимæ контейнертæ дæргъвæтин рæстæг цъуппдзагæй баззайынц. Бирæтæ сæм сæ дзæкъултæ хæсгæ дæр нæ бакæнынц. Аргъуаны къулрæбын сæ фæуадзынц. Бынатмæ араст не сфæлдыстыдон къорд, фæлæ нæ уацхæссæджы `рбацыдмæ контейнертæ æваст равдæлон кодтой. Нæ хабархæсджытæ фæстæмæ уæддæр нæ раздæхтысты. Хæдзæртты цæрджыты маст фыцы – æрвылбон сæ бакомкоммæ бырæтты обау сæвзæры. Дины кусджыты дæр сагъæс кæнынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, адæм Хуыцауæй дæр нал тæрсынц. Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаныл цæуы 200 азæй фылдæр. У, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объект. Ныр та быроны бын кæны. Адæм хъаст кодтой, хъуыддаг къухфыстытæм бахæццæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы фидауцы алфамблай ссыгъдæг кæной. Сауджын Даниил Булатников: «5 азы тох кæнæм цæмæй нын нæ къул мауал чъизи кæной. Бынæттон администрацимæ хъаст кодтой хицæн адæм дæр, мах дæр. Сæмбырд кодтам, аргъуанмæ чи `рбацæуы, уыдоны къухфыстытæ, фæлæ та ницы. Алчи разы у, аргъуаны фарсмæ быронæн бынат нæй, уыимæ». Æгæр бирæ арæзтæдтæ æмæ дзы адæм бирæ кæй цæры уый аххоæй быронæн æвæрд мигæнæнтæ уайтагъд айдзаг вæййынц – зæгъынц Дзæуджыхъæуы администрацийы. Бæрнон кусджытæ уавæрмæ цалдæр хатты се `ргом аздæйхтой. Контейнертæ ахастой æндæр ранмæ дæр, фæлæ æдзæсгæмтты уый дæр нæ уромы. Бырон дарддæр цæстысындзау цæхæртæ калы. Дзæуджыхъæуы цъæх фæлыст æмæ аивдзинады упраленийы разамонæджы хæдивæг Бирæгъты Аслан: «Контейнертæн уыцы нарæг уынджы æндæр бынат нæй. Хетæгкаты Къостайы номыл уынг куы райсæм, уæд сын уым дæр нæй бынат. Бирæ аххосæгтæ ис ссарæн, цæмæй контейнертæ айсæм. Уый дзырддаг уæвгæ дæр нæу. Фæлæ сын сæ бæсты цы сæвæрæм æмæ кæм, уый у быцæуаг». Хæдзæртты цæрджытæ махимæ ныхас кæнын нæ бакуымдтой. Фæлæ нын фæсаууонмæ куыд загътой, афтæ не сфæлдыстадон къорды æрбацыдмæ сыгъдæггæнæн службæтæ удаистæй фæзындысты æмæ контейнертæ афснайдтой. Раст Хуыцауы хорзæх. Фæлæ арæхдæр аргъуаны алфамблай адæмы `фснаинаг фæвæййы. Уырнгæ дæр сæ нал кæны, уыцы хæсæй искуы суæгъд уыдзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуыцауæй дæр нал тæрсынц!
Категория:
Новости и СМИ