Катары уыд бæхылбадджыты дунеон чемпионат
Цæгатирыстойнаг спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Тугъанты Владимир дзы нымад æрцыд хуыздæрыл. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы спорты министрады пресс-службæ. Дыууæ къуырийы спортсментæ ерыс кодтой 6 программæмæ гæсгæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ Владимир алы номинациты бацахста 1-аг, 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ. Афтæмæй рацыд раззагдæр бынатмæ. Ацы ерыстæ нымад уыдысты 2018-æм азы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæныл. Ныртæккæ Тугъанты Владимир йæхи цæттæ кæны егъау æппæтдунеон турнирмæ. Цæудзæн Германийы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Катары уыд бæхылбадджыты дунеон чемпионат
Категория:
Новости и СМИ