Хъæдгæрон æмæ Уæллаг Бирæгъзæнджы скъолатæ ацы аз бындуронæй сцалцæг кæндзысты
Цæгат Ирыстоны ахуырадон уагдæттæй бирæтæ сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Бæстыхæттæм сæ сарæзты бонæй нырмæ бæстон зылд нæ уыд. Се 'хсæн Хъæдгæрон æмæ Уæллаг Бирæгъзæнджы скъолатæ. Хъæуты цæрджытæ Битарты Вячеславимæ фембæлдты сæ риссаг фарста рæгъмæ рахастой. Хъæдгæроны скъола сарæзтой 1934 азы. Хæсты рæстæг дзы æрбынат кодтой немыцæгтæ. Уыдис дзы госпиталь. Уый фæстæ бæстыхай заууатмæ æрцыд. Хъæуы цæрджытæ йæ сæхи хъаруйæ сцалцæг кодтой. Ногæй кусын райдыдта 1944 азы. Уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд.Йе 'ддаг бакастæй дæр бæрæг у, бæстон базилинаг кæй у, уый. Йæ бындур цы дуртæй конд у, уыдон дæр хæлын райдыдтой. Цоколаты Заремæ, Хъæдгæроны скъолайы директор: «Нæ скъола дыууæ бæстыхайæ арæзт у. Сæйрагæн йæ цар ивинаг уыд. Битарты Вячеславимæ фембæлды ацы фарста раргом кодтам. Уый фæстæ ивд æрцыд. Стыр бузныг дзы стæм, уый тыххæй. Дыккаг агъуысты цар æнæхъæнæй раивын нал банстыст. Ахæм уавæрты уарынты фæстæ мидæгæй йæ къултæ схъуына вæййынц». Скъолайæн йæ къултæ мидæгæй дæр згъæлынц. Уæлдайдæр уарынты фæстæ . Уыимæ ма, афаз вæййынц. Алы аз дæр сæм ахуыргæнджытæ æмæ сабиты ныййарджытæ сæхи хъарутæй базилынц. Фæлæ, азæй-азмæ уавæр æвзæрдæр кæны. Æмæ афæдзы кæронмæ хъæндзинæдтæ ногæй рабæрæг вæййынц. Скъолайæн йæ пъолтæ дæр ныззæронд сты. Кæмдæрты афтæ ныххуынчъытæ сты, æмæ дзы адæймаджы къах ныссæдзы. Хъармгæнæн системæ дæр кусы къуылымпытимæ. Иуæй-иу кабинеттæм хъарм нæ хæццæ кæны. Цоколаты Зарема, Хъæдгæроны скъолайы директор: «Ныр нæ скъола цы уавæры федтат, уый къухы æфты ахуыргæнжыты руаджы. Цыдæриддæр сæ бон у, уый бакæнынц. Пъолтæ сахорынц, къултæ ныссыгъдæг кæнынц. 7 азы размæ нын нæ рудзгуытæ раивтой. Æддейы дæр нын хъармгæнæн хæтæлтæ баивтой ногтыл. Фæлæ, нын мидæгæй ивд не рцыдысты. Фæнды нæ, цæмæй нæ скъоладзаутæ æмбæлгæ уавæрты ахуыр кæной». Скъолайы дыккаг бæстыхай дæр у бæстон цалцæггæнинаг. Ис дзы спортзал æмæ райдиан кълæстæм цалдæр кабинеты. Ам дæр къултæ хъуынайы бын фæвæйынц. Пъолты уавæр дæр сæ хуыздæртæй нæу. Ивинаг у рухсдæттæн системæ дæр. Уæвгæ спортзал дыууæ азы размæ сцалцæг кодтой. Фæлæ цар ивд кæй не 'рцыди, уый аххосæй бирæваг не сси. Бындурон рацарæзтмæ тынг æнхъæлмæ кæсынц скъолайæн йæ кусджытæ дæр, йæ фæсивæд дæр. Зæрдæхсаинаг уавæры ис Уæллаг Бирæгъзæнджы скъола дæр. Ахуыр дзы кæнынц сабитæ дыууæ хъæуæй. Æрвылбон ардæм сласынц Дæллаг Бирæгъзæнджы сывæллæтты дæр. Скъоламæ æддæрдыгæй зылд куы не ’рцæуа, уæд бынтон дæр йæ къултæ базгъæлдзысты. Бæстыхайæн йæ рудзгуытæ дæр бамбыдысты. Се 'мбис сын раивтой. Фæлæ, ма дзы чи баззад, уыдон бынтон заууат уавæры сты.15 азы размæ скъолайæн йæ цар дæр раивтой. Фæлæ, йæ ма дзы кæцыдæр хай зæрондæй баззад. Уый аххосæй мидæгæй цалцæггæнæн куыстытæ кæнæн нæй. Йæ къултæ згъæлын райдайынц.Уарынты тыххæй та кæмдæр хъуына дæр фæвæййынц. Зæронд хъæдын пъолтæ дæр æмбийынц. Тыхсынц скъолайæн йæ доны хæтæлты уавæрæй дæр. Арæх атонынц. Бацалцæг сæ кæнынц.Фæлæ, цыбыр рæстæгмæ ногæй кæнинаг фæвæййынц. Ныртæккæ скъолайы ис 90 ахуыргæнинаджы. Йæ дыккаг уæладзыджы æрбынат кодта рæвдауæндон. Уым дæр ис 40 сывæллоны. Ацы аз сын хъуамæ саразой æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Людмила Башарина, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр: «Нæ республикæйы сæргълæууæг районты цæрджытимæ куы фембæлд, уæд Хъæдгæрон æмæ Уæллаг Бирæгъзæнджы скъолаты уавæры фарста уыд риссагдæрты 'хсæн. Нæ республикæйы ахуырадон уагдæттæй цалцæггæнинаг бирæтæ сты. Ацы дыууæ скъолайы бахауыдысты фæйнæ алыхуызон программæмæ. Хъæдгæроны скъолайыл бакусдзысты "устойчивое развитие сельских территорий", зæгъгæ, программæмæ гæсгæ. Уæллаг Бирæгъзæнджы та - Уæрæсейы рухстауыны министрады программæйы руаджы». Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ баххæст кæной ацы азы дæргъы. Гæнæн ис, æмæ 1 сентябрмæ сывæллæттæн фадат уыдзæн райдзаст æмæ ног уавæрты ахуыр кæнын. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæдгæрон æмæ Уæллаг Бирæгъзæнджы скъолатæ ацы аз бындуронæй сцалцæг кæндзысты
Категория:
Новости и СМИ