Сылгоймæгтæ уæвгæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Нæ республикæйы уголовон агуырды управленийы кусджыты дæсныдзинады руаджы та Самарæйы урæд æрцыдысты дыууæ цæстфæлдахæг сылгоймаджы. Сæ фæливæн митæй Цæгат Ирыстоны бирæ цæрджытæн рафистæг кодтой сæ банчы картæтæ. Фыдгæнджытæ афтæ баууæндыдысты сæхиуыл, æмæ тæрсгæ дæр ницæмæйуал кодтой. Уæвгæ сын ахæм митæ акæнын фыццаг хатт нæу. Фæлæ сын ныр пъæлицæйæгтæ сæ рохтыл æрхæцыдысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй-иу сæхи рахуыдтой банчы кусджытæ, бадзырдтой-иу адæммæ æмæ-иу сын алыхуызон былдауæн ныхæстæй сæ дзыппытæ раафтид кодтой. Барады кусджытæм хабар куы фæхæццæ, уæд айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ Самарæйы балæууыдысты. Тæккæ нырыккондæр техникон фæрæзты руаджы фыдгæнджыты фæдыл бафтыдысты. Сæ иуы рацъипп кодтой, банкоматæй та радон хатт давд æхцатæ сисынмæ куыд хъавыд, афтæ. Æмæ уæд дыккаджы рацахсынæн дæр уадиссагæй ницыуал бахъуыд. Пъæлицæйæгтæ сылгоймæгтæй байстой цалдæр чырæгон телефоны, бирæ СИМ-картæтæ. Сæ фæлитой митæ дæр уыдæтты руаджы кодтой. Суанг ма сæхи нæмттыл дæр банчы картæтæ байгом кодтой, цæмæй давд æхцайæ æвæрæнтæ кæной. Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Пъæлицæйæгтæ сæ Ирыстонмæ схæццæ кодтой, дыууæйæ дæр сæ аххосыл басастысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сылгоймæгтæ уæвгæйæ

Категория:

Новости и СМИ