112 - сæрмагонд системæйы куыстæн хатдзæгтæ скодтой
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн 2018-æм нымад у культурæ æмæ æдасдзинады азыл. Вахтанговы номыл уырыссаг театры хатдзæгтæ скодтой æнæнхъæлæджы цаутæ иуварс кæныны иумæйаг системæйы куыстæн. Ацы аз Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта «Системæ-112», зæгъгæ. Биноныгæй йыл бакуыстой, бацæттæ кодтой диспетчерты, уыимæ æнгомæй архайынц æнæнхъæлæджы уавæрты сæрмагонд службæтимæ. Ног системæйы фæрцы, зæгъæм, ахуыссын кодтой 300 зынгсирвæзты, фæндаггон цауты аирвæзын кодтой 400 адæймагæй фылдæр. Уымæй уæлдай Цæлыччы донивылды фæстиуджытæ дæр дыууæ хатты иуварсгонд æрцыдысты. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы разамонæг Александр Хоружий куыд зæгъы, афтæмæй Сæрмагонд Системæ адæмы æдасдзинад хъахъхъæнынмæ цæттæ у. Кады гæххæттытæй управленийы хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы разамонæг Александр Хоружий: «Абон хатдзæгтæ скодтам æнæнхъæлæджы цаутæ иуварс кæныны иумæйаг системæйы куыстæн. Нæ республикæйы территориалон Системæ афæдзмæ цы куыст бакодта, ууыл æрдзырдтам. 2018 аз нын хуымæтæг нæ уыд. 2019 азмæ нæхицæн сæвæрдтам ног хæслæвæрдтæ. Æххæст сæ кæндзыстæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
112 - сæрмагонд системæйы куыстæн хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ