Йæ рахиз базыры бын!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Ацы зæды ирон адæм хонынц Хуыцаумæ æмæ Хуыцауæй дыууæрдæм минæвар. Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри свæййы адæмы иугæнæн мадзал. Национ бæрæгбонмæ алы хæдзар, алы бинонтæ дæр рагацау сæхи бацæттæ кæнынц. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ кусарт акæны. Ацы аз та ма республикæйы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, бæрæгбоны райдиан официалон æгъдауæй ссис улæфæн бон. Ирон адæмы бæрæгбæтты `хсæн Уастырджимæ кувæн къуыри нымад у стырдæр æмæ уарзондæртæй иуыл. Йæ нысан - удварн æмæ зæрдæйы хорзæх дæ алыварс чи ис, уыдонæн фæхай кæнын. Гастеллойы номыл уынджы цæрджытæ Уастырджимæ кувæн къуыри æххæст кæнынц фыдæлты `гъдаумæ гæсгæ. Кæстæртæн хæдзары кæрты сарæзтой ерыстæ. Хистæрты амындæй сæ тыхтæ æвзæрстой бæндæн ивазынæй, фат æхсынæй æмæ тагъд згъорынæй. Кæрты хистæр Дзæгъойты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбон æнгом кæны алы кары фæлтæрты, ерысты руаджы та сывæллон фидардæр кæны. Æргом дзуар - Уастырджийы бæрæгбон у ирон адæмы хæзна. Ахæссы иу абонæй иннæ абонмæ. Бæрæгбоныд æмбæлдысты сыгъдæг хъуыдытимæ. Æртæ боны раздæр-иу нæ хордтой нæфæтджиаг хойраг. Сæ буар-иу ссыгъдæг кодтой. Цæгат Ирыстоны йæ бæрæг кæнынц бирæ адæмыхæттытæ. Æргом дзуары номыл куывды уидæгтæ арф ацыдысты адæмы историйы. Сызгъæрин Уастырджиимæ баст таурæгътæ бæстон бынат ахсынц адæмы дзыхæй дзургæ сфæлдыстады дæр. Бæрæгбон та баст у бæркадимæ. Цæгат Ирыстоны Уастырджийы номимæ баст кувæндæттæ хуымæтæджы уыйбæрц не сты. Ацы бонты дзы уæлдай бирæ адæм вæййы. Скувынц, сæвæрынц сæ мысайнаг æмæ сæхи æргом дзуарыл бафæдзæхсынц. Бæрæгбоны фынг канд фыдызгъæл æмæ хойрагæй нæ фидауы, фæлæ ма кафт æмæ зардæй дæр. Ахæм зæрдæйы ахастæй Ирыстон фидаудзæн æнæхъæн къуыри. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Йæ рахиз базыры бын!

Категория:

Новости и СМИ