Уæлахиз къухы нæ бафтыд
Дзæуджыхъæуы клуб "Спартак-Владикавказ"-мæ абон фуболон амонд нæ бахудт. Уазæгуаты сæм ссыдысты "Спартак - Нальчик"-ы профессионалон футболисттæ. Фысымтæ сезон байгом кодтой хи фæзыл. Æрыгон футболистты фарс рахæцынмæ стадион "Спартакмæ" æрбацыд бирæ адæм. Чемпионат байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дæр. Ног сезон кæй байгом, уый фæдыл футболуарзджытæн раарфæ кодта, спортсментæн та йæ зæрдæ загъта сæ хъазт цымыдисаг æмæ æнтыстджын куыд уа. Хъазт æцæгæй дæр рауад цымыдисаг. Кæд дзæуджыхъæуккæгтæ æргом æмæ тыхджын хъазт кодтой, уæддæр уæлахиз сæ къухты нæ бафтыд. Матч ахицæн 2-1 хыгъдимæ. Иннæ хъазт "Спартак-Владикавказ" акæндзæн 3-гæм августы уазæгуаты, "Черноморецимæ". Нæ командæйы сæйраг тренер у Гæззаты Юрий. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлахиз къухы нæ бафтыд
Категория:
Новости и СМИ